Таугазты Сосланæн
Фыдæлты фарн, фыдæлты намыс
Дæ зæрдæйы ирондзинад фæхастай.
Тæппуддзинад цы у нæ хатыс
Хæсты æгъдау дæхимæ райстай.
Нæ бæстæйы æххуыс куы бахъуыд
Дæ къухмæ хотыхтæ уæд райстай.
Нæртон лæджы нæ хъæуы «Бардзырд»
Сосланы ном дæр уымæн хастай.
Æхсарджыны мæлæт нæ исы
Æхсарджынтæ цæрынц æнустæм
Мæлæтдзаг цæф дæр тынг нæ риссы
Тæрсæт фыдызнæгтæ сæ удтæн!
Дæуæн Сослан дæ цард нæ фæцис
Дæ фарн дæ кæстæртæн ныууагътай
Рæзджы дæ хæлæрттæ уæлахиз
Уæрæсемæ фæрнæй куыд хæсстай.